Telegram Group Search
Осетины-генералы – кавалеры Золотого оружия

Статья доктора исторических наук, ведущего научного сотрудника отдела этнологии СОИГСИ им. В.И. Абаева Ислам-Бека Темуркановича Марзоева посвящена осетинам-генералам – кавалерам Золотого оружия. Приведена краткая история Золотого оружия, биографическая информация военнослужащих осетин, удостоенных генеральских званий в Русской императорской армии (1698–1917), представленных к этой награде Временным правительством России (1917), а также получивших звание генерала в Белой армии (1918–1920).
Нымад паддзахады цæргæйæ
#Бæрæгбонмæ

2008 азы 26-æм августы Хуссар Ирыстоны хæствæллад адæммæ бирæ хъизæмæртты фæстæ Мæскуыйæ æрыхъуыст æхсызгон хабар — Уæрæсейы Федерацийы уæды Президент Дмитрий Медведев, августы фондзбонон хæсты Гуырдзыстон тыхæй сабырадмæ конд куы рцыд, уый фæстæ, хуссарирыстойнаг æмæ абхазаг адæмы фæндон бахынцгæйæ, ИНО-йы Уставы уагæвæрд, паддзахадты ‘хсæн хæларадон ахастыты фæдыл
Хæдбардзинад банымайын — нæ рухс бæрæгбон
#Блиц_æрфарст

Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны бон нæ адæмæн у стыр цины бæрæгбон æмæ йыл кæддæриддæр сæмбæлынц цины æнкъарæнтимæ, хъæлдзæг зæрдæйы равгимæ. Ацы историон цау Хуссар Ирыстоны зæхмæ æрхаста сабырад æмæ æнцойад.

Нæ паддзахады хæдбардзинад банымадæн цы нысаниуæг ис, йæ дарддæры рæзты йын цы перспективæтæ ис, уый фæдыл…
Уæззау хъыджы æмæ стыр цины август
#Бæрæгбонмæ

Адӕмы ӕмӕ, кӕм цӕрынц, уыцы паддзахады дӕр кӕддæр ӕрцӕуынц ахӕм цаутӕ, кӕцытӕ сын сӕ цард фӕдих кӕнынц дыууӕ хайыл. Хонгӕ дӕр ӕй афтӕ фӕкӕнынц — сӕ агъоммӕ ӕмæ сӕ фӕстӕ цард, кӕцытӕ кӕрӕдзийы ӕнгӕс бирӕ цӕмӕйдӕрты нал вæййынц.

Хуссар Ирыстоны историйы ахӕм дыууӕ царды ‘хсӕн арӕнӕй слӕууыд…
…Æмæ æрбалæууыд уыцы бон
#Бæрæгбонмæ

2008 азы 26-æм августæй ныридæгæн рацыд 17 азы. Кæй зæгъын æй хъæуы, рацæудзæн ноджыдæр 100 азы, фæлæ ацы бон цæрæнбонтæм баззайдзæн Хуссар Ирыстоны историйы, афтæ ма æхсæнадæмон ахастыты историйы та суыдзæн Уæрæсейы Федерацийы къухдариуæгады политикон фæндвидардзинады ирд цæвиттон. Уæрæсе Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады кæй банымадта, уымæй равдыста сфидаргонд
Æмбарын райдыдтой, Уæрæсе сæ сæйрагдæр партнер кæй у
#Политикæ

2008 азы Гуырдзыстоны агрессийæн Уæрæсе радта аккаг ныхкъуырд. Нырма сын сæ гарзджын тыхты скуынæг кодта, стæй та Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы хæдбардзинад банымадта. Гуырдзыстоны разамынад ахæм уæззау «цæфтæ» не сфæрæзта æмæ Саакашвилийы командæйы рейтинг дæлæмæ хауын райдыдта, стæй йæ бынтондæр фæсырдтой.

Гуырдзыстон 2008 азы æрцæугæ цауты фæстæ…
Хайад райстой æппæтуæрæсейон конференцийы
#Æхсæнад

Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министры хæдивджытæ, булкъонтæ Тедеты Гермаген æмæ Санахъоты Руслан, афтæ ма агурæн-ирвæзынгæнæн къорды хистæр Чехойты Алан хайад райстой аварион-ирвæзынгæнæн службæты æмæ скондты минæвæртты 6-æм Æппæтуæрæсейон конференцийы, кæцы уагъд цыдис Дагъыстаны горæт Махачкалайы æмæ æрæмбырд кодта ацы къабазы кусджыты Уæрæсейы 70 регионæй.

Конференци «Проведение АСР…
Джиоты Мурат: «Хуссар Ирыстоны историйы иттæг ахсджиаг нысаниуæг ис хæдбардзинад расидыны бонæн»
#Бæрæгбонмæ

2008 азы августы мæйы нын Уæрæсейы Федераци фæндвидарæй нæ бæстæ кæй бахъахъхъæдта æмæ нын нæ паддзахадон хæдбардзинад кæй банымадта, уый æхсызгон мысинагæй баззад Хуссар Ирыстоны алы æмбæстаджы зæрдæйы дæр. 26 августы райсгæ уынаффæ уыд вазыгджын, фæлæ бæрнон æмæ ныр 17 азы дæргъы Хуссар Ирыстон уæвы, куыд паддзахад,…
🔥2
Абон Цхинвалы уагъд æрцыдис ахуыргæнджыты æрвылазон республикон конференци.

Уым хайад райстой нæ бæстæйы сæргълæууæг Гаглойты Алан, Ахуырад æмæ зонады министр Лолаты Аслан, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы минæварады æмæ Цхинвалы мэрийы минæвæрттæ. Уыдонимæ ма ахуыргæнджытæ æнæхъæн республикæйæ.

Конференцийы æрныхас кодтой ахуырады системæйы актуалондæр фарстатыл, уæвæг проблемæты аскъуыддзаг кæныны темæтыл. Уыдонимæ ма конференцийы расидтысты ногдзинæдтæ, кæцытæ сæ тыхы бацæудзысты ног ахуыры азы райдайæны.

@XurZaerin
1🔥1
Хуссар Ирыстоны иумæйаг ахуырадон скъолаты фыццаг кълæстæ рахиздзысты фондзбонон ахуырадон системæмæ.

Уымæ гæсгæ фæкъаддæр уыдзысты къуырион ахуыры сахатты нымæц 24 сахатæй 22 сахатмæ.

Уый тыххæй Ахуырад æмæ зонады министр Лолаты Аслан фехъусын кодта ахуыргæнджыты æрвылазон республикон конференцийы.

@XurZaerin
2👍2
Хуссар Ирыстоны Ахуырад æмæ зонады министр Лолаты Аслан æмæ «Уæрæсейаг сывæллæтты æмæ фæсивæды центр»-ы къухдариуæггæнæг Александр Кудряшов сæ къухтæ æрфыстой æмгуыстады тыххæй Сразыдзинадыл.

@XurZaerin
👍31
2025/08/23 20:27:42
Back to Top
HTML Embed Code: