group-telegram.com/styr15nyxas/1953
Last Update:
ЗИАНЫ КӔНДТЫ АППАРИНАГ ФÆЗЫНДТÆ
1. Мæрдæхсæвæр кӕнын, фыццаг дыууӕ сабатизæртӕм лæгты хонын.
2. Зианмæ ронбагъдæй, цыбырдыс, фӕлурс дарӕсы, кӕнӕ æнæ сӕрыдарӕс цæуын.
3. Зианы кӕндты кӕрӕдзийӕн хъӕбыстӕ кӕнын, къухтӕ исын.
4. Дард рӕтты чи нӕ цӕры, уыцы бинонты ӕмӕ хӕстӕг хиуӕтты номӕй дидинбыдтӕ (веноктӕ) ӕлхӕнын, газетты ӕмӕ телеуынады адӕмы цӕстмӕ тӕфӕрфӕс мыхуыр кӕнын, уӕлдайдӕр скъоладзау сабитӕн.
5. Кӕрӕдзийы цӕстмӕ сабӕттагӕн бирӕ ӕхца фыссын.
6.Фыдӕбонгӕнджытӕн лӕвӕрттӕ ӕлхӕнын.
7. Зианы фынгыл æртæ кæрдзыны æвæрын.
8. Мыггаджы, бинонты арфæйæ рæгъ уадзын.
9. Хӕрнӕджы, дыууиссӕдзӕм боны, уӕлдайдӕр та афæдзы хистыты фынгтӕй сæр æмæ бæрзæй дыккаг бонмæ уадзын. Афӕдзы бон, фынгӕй сыстгӕйӕ, кӕрӕдзийӕн арфæ кӕнын, æртæ кæрдзыны хӕларгонд фынгыл кувын.
10. Чырыны разæй кæстæрты чырыны сӕримӕ, веноктимӕ, къамтимӕ, хъӕдын цыртимӕ, дидинджытимӕ æрвитын.
11. Сылгоймæгты фынгыл карз нозт æвæрын.
12. Митинг, кӕнӕ саударӕн ӕмбырд «гом кæнын» – «æхгæнын» (партион-профцӕдисон митӕ фӕзмгӕйӕ), «Кӕй ма фӕнды зӕгъын?» фӕрсын.
13. Чырыны раз бирӕ (5 минутӕй фылдӕр) дзурын, ӕмдзӕвгӕтӕ кӕсын, ӕмбисӕндтӕ хӕссын.
14. Чырын, сисгӕйӕ, зилын, къул кæнын.
15. Зианы фынгыл бирæ бадын, тамако дымын, хъӕрӕй дзурын.
16. Хӕрнӕджы фынгыл иу хъарм хӕринӕгӕй фылдӕр ӕвӕрын.
17. Зианы фынгыл ӕрыгон лӕппуты ӕмӕ чызджыты бадын кӕнын.
18. Иунӕгӕй тӕфӕрфӕс кӕнынмӕ цӕуын.
19. Зианы фынгыл, цы рӕгъытӕ ӕмбӕлы, уыдонмӕ хи хъӕппӕрисӕй ӕфтауын.
20. Дыууиссӕдзӕм ӕмӕ афӕдзы бонтӕм дӕрдтыл ӕрвитын, бирӕ адӕм хонын.
21. Фӕндӕгты былтыл цыртытӕ ӕвӕрын.
BY Аланты Ныхас
Warning: Undefined variable $i in /var/www/group-telegram/post.php on line 260
Share with your friend now:
group-telegram.com/styr15nyxas/1953