group-telegram.com/ossetiaFB/42258
Last Update:
Ирон монон культурӕ кӕдфӕндыдӕр хи хъахъхъӕдта, уый зыны куыд чырыстон, афтӕ пысылмон дины дӕр. Ныхас диныл нӕу, фӕлӕ ирон культурӕйы тыххӕй куы дзурӕм, уӕд уый ӕнгом баст у нӕ уырнынад, этикет, миддуне, иумӕйагӕй цардимӕ. Махӕй аразгӕ у нӕ фынджы уӕлхъус цы хъуыдытимӕ ӕрбалӕудзысты уазджытӕ – хи бафсадын ӕви ног базонгӕдзинадимӕ Хуыцауы ном ссарын. Кӕд уӕм мӕ хъуыды ӕгӕр идеалон ӕмӕ «хъӕргомау» фӕкаст, уӕд хатыр.
Кӕронбӕттӕны, мӕ фӕнды бузныг зӕгъын, ахӕм цымыдисаг фӕрстытӕ кӕй парахат кӕнынц мӕ хӕлӕрттӕ фӕсивӕды ӕхсӕн.