Telegram Group »
United States »
Собрание представителей Владикавказа »
Telegram Webview »
Post 1796
Бирæ хорз æгъдæуттæ ис нæ адæммæ. Уыдонæн сæ бындур не ‘взагыл æнцой кæны. Сæрыстыр дзы стæм æмæ йæ хъуамæ фæлтæрæй-фæлтæрмæ дæттæм.
Куыд иннæ азты, афтæ та ныр дæр 15-æм майы нæ республикæ сбæрæг кодта Ирон æвзаг æмæ литературæйы бон. Иудадзыгон фæткмæ гæсгæ бæрæгбоны мадзæлттæ Дзæуджыхъæуы ацы хатт дæр райдыдтой нæ номдзыд поэт æмæ публицист, ирон адæмы сæрхъуызой Хетæгкаты Къостайы ингæныл дидинджытæ сæвæрынæй.
Ирон аргъуаны кæртмæ уыцы номарæн æмбырдмæ æрбацыдысты Цæгат Ирыстоны Хицауады сӕрдар Дзанайты Барис, РЦИ – Аланийы Парламенты сæрдар Тускъаты Таймураз, Дзæуджыхъæуы муниципалон арæзтады сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав, Дзӕуджыхъӕуы Минӕвӕртты æмбырды сӕрдар Таболты Сергей, йӕ хӕдивджытӕ, Минӕвӕртты ӕмбырды аппарат æмæ, йæ мадæлон æвзагыл иузæрдион чи у, республикӕйы уыцы цӕрджытӕ.
Кадджын митинг байгом Кодта Цӕгат Ирыстоны Фысджыты Цӕдисы сӕрдар Хозиты Барис. Уый радзырдта, Къостайы сфӕлдыстадæн куыд егъау ахадындзинад ис, йӕ «Ирон фӕндыр» дунейы бирӕ ӕвзӕгтӕм тӕлмацгонд кӕй ӕрцыд.
Скъоладзаутӕ тынг аив бакастысты ӕмдзӕвгӕтӕ сæ мадæлон ӕвзагыл, дзырдтой йын йæ хъӕздыгдзинадыл.
Уӕ зӕрдыл уын лӕууын кӕнӕм, Ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы бон кӕй бӕрӕг кӕнæм 2003 азӕй фӕстӕмӕ.

group-telegram.com/sp_vld/1796
Create:
Last Update:

BY Собрание представителей Владикавказа

Share with your friend now:
group-telegram.com/sp_vld/1796